Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕмӕн радтам нӕхи?

Кӕмӕн радтам нӕхи?

91 (207) зарӕг

Кӕмӕн радтам нӕхи?

(1 Коринфӕгтӕм 6:20)

1. Кӕмӕн радтай дӕхи?

Цавӕр Хуыцау дын и?

Дӕ хицауыл кӕй нымайыс,

Гъе уымӕн табу дӕр кӕныс.

Дыууӕ хуыцауӕн нӕй

Лӕггад кӕнӕн зӕрдӕй.

Нӕй уымӕн гӕнӕн — нӕй ’цӕг бауарзӕн

Дыууӕйы ’мхуызонӕй.

2. Кӕмӕн радтай дӕхи?

Цавӕр Хуыцау дын и?

Сӕ иу у мӕнг, у иннӕ ’цӕг,

Дӕхӕдӕг дӕ уый равзарӕг.

Ды кесӕрыл, мыййаг,

Уыдзынӕ иузӕрдыг?

Ӕви дын уыдзӕн Хуыцау хицауӕн,

Йӕ фӕнд кӕндзынӕ ды?

3. Кӕмӕн дӕн ӕз цагъар?

Иегъовӕйӕн — мӕ цард.

Ӕцӕг Хуыцауӕн кувын ныр,

Нӕ басӕтдзынӕн ӕз мӕ дзырд.

Уый бафыста стыр аргъ,—

’Рмӕст уымӕн ныр цӕрын.

Йӕ Фырты мӕлӕт цард радта мӕнӕн,

Фӕстӕмӕ нал кӕсын.

4. Хуыцауы мах ыстӕм —

Уый фидарӕй зӕгъӕм!

Куыд загъта, афтӕ — ’мвӕнд-ӕмзонд —

Йӕ адӕм стӕм, йӕ кӕрты конд.

Уыд хистӕр сауджынӕн

Ӕхцон йӕ сӕрыл сой,—

Раст афтӕ у ныр ӕцӕгады ’мбырд

Нӕ зӕрдӕйӕн ӕнцой.