Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ма сӕ тӕрсут!

Ма сӕ тӕрсут!

10 (27) зарӕг

Ма сӕ тӕрсут!

(Матфейы 10:28)

1. О мӕ адӕм, алкӕд размӕ,

Уадз ’мӕ хорз хабар нӕрӕд.

Знагӕй мачи уӕ тӕрсӕд.

Уадз рӕстуд адӕм уынӕнт:

У Мӕ Фырт, Чырысти, Паддзах;

Уый Сайтаны тагъд бӕтдзӕн,

Хӕйрӕг ахӕсты кӕй дардта,

Уыдон ссӕрибар кӕндзӕн.

(Базард)

2. Знӕгтӕ сты тыхджын ’мӕ бирӕ,

Фауынц ’мӕ тӕрсын кӕнынц,

Йе фӕлмӕн ныхас зӕгъынц,—

Хинӕй ’вӕлтӕрдыл цӕуынц.

Ма тӕрс уыдонӕй, мӕ ӕфсад.

Тох кӕн! Ма фӕцуд ӕппын!

Чи уа иузӕрдион, уыдон

Ӕз кӕндзынӕн, дзырд дӕттын.

(Базард)

3. Ма тӕрсут — сымах рох не стут:

Ӕз уӕ фидар дӕн, уӕ уарт.

Кӕд мӕлӕты хай фӕуат —

У мӕ раз’ ӕдых йӕ фат.

Кӕд кӕны ӕртхъирӕн исчи,

Уымӕй ма тӕрсут ӕппын,

Чи у иузӕрдион, уыдон

Ӕз мӕ цӕстау хъахъхъӕнын.

(БАЗАРД)

Буары марджытӕй ды ма тӕрс —

Уд нӕу уыдонӕн сӕ бар.

Иузӕрдион у кӕронмӕ,—

Цард уыдзӕн дӕуӕн лӕвар.