«Мӕнӕ фӕндаг»
18 (42) зарӕг
«Мӕнӕ фӕндаг»
1. «Цӕут а фӕндагыл»,— Хуыцау нын зӕгъы,
Иегъовӕ йӕ абон бӕрӕг дӕр кӕны.
Ис уымӕн зӕххыл ныр йӕ сӕрстыты къорд,
Йӕ дзыхӕй нӕм дзуры ’мӕ амоны зонд.
Мӕнӕ фӕндаг — ’мӕ йыл цӕут.
Ӕппындӕр ма фӕстӕ кӕнут!
Мах сидт куы хъусӕм ныр, сыгъдӕг ӕмӕ бӕлвырд.
Йӕ уац хӕссын нӕ хӕс куы у.
Сыгъдӕг уд нӕ дарддӕр дӕр размӕ кӕндзӕн,
Рӕствӕндагыл н’ алчи ныфсджынӕй цӕудзӕн.
2. Нӕ фӕстӕ дзырд хъусӕм,— рӕвдауӕг у ’цӕг!—
Фӕндаг нын ӕвдисы Стыр Ахуыргӕнӕг.
Мах хъусӕм лӕмбынӕг, цӕмӕй зондджын уӕм,
Рӕдыд къахдзӕф, сонтӕй, куыд мауал кӕнӕм.
Хуыцауы раст ’мӕ рухс фӕндаг —
Сыгъдӕг ’мӕ уаз йӕ алы уаг.
Уырнӕг зӕрдӕ уыны — уыдзӕн ам фарн рӕхджы,—
Чырыстимӕ ис бартӕ фаг.
Нӕ хизӕм нӕ галиу, нӕ рахизырдӕм,
Хуыцауы фӕндагыл ӕнтыстджын куыд уӕм.
3. Иегъовӕйы раст фӕндаг амонӕм, цӕй,
Ӕппӕтӕн, чи байхъуса махмӕ зӕрдӕй,—
Бӕлӕттӕ бӕлондӕттӕм агуылф кӕнынц,
Раст афтӕ Хуыцаумӕ, сӕ Хохмӕ, тындзынц.
У фарн Иегъовӕйы фӕндаг,
Сӕрибар ратдзӕн махӕн тагъд.
Рӕстаг, рухс фӕндӕгтыл, ӕхцон, лӕгъз цӕуӕнтыл
Кӕны рӕсугъд дзӕнӕтмӕ мах.
Нӕ сӕртыл ысхӕцӕм ’мӕ тагъддӕр цӕуӕм,
Фарн Паддзахад ’рхӕсдзӕн, мах уымӕ кӕсӕм.