Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит»

«Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит»

90 (204) зарӕг

«Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит»

(Исай 6:8)

1. Хуыцауы фауынц адӕм ныр,

Йӕ сыгъдӕг ном ӕгад кӕнынц.

«У ’гъатыр, ’нӕбон»,— иу зӕгъы.

«Хуыцау нӕй!»— ’нӕзонд хъӕр кӕны.

Чи срухс кӕндзӕн Хуыцауы ном?

Йӕ кадыл чи зардзӕн ӕргом?

«Мӕ Хицау, мӕнӕ! Арвит мӕн.

Дӕ кадыл ӕз ныззардзынӕн.

(Базард)

2. Хуыцау фӕстӕ кӕны, зӕгъынц,—

Ӕппындӕр дзы куыннӕ тӕрсынц!

Сӕ иутӕ кувынц дурцырттӕн,

Сӕ хуыцау — кесӕр иннӕтӕн.

Сӕ фидӕн сын уӕд чи зӕгъдзӕн,—

Хуыцауы стыр хӕст кӕй уыдзӕн?

«Мӕ Хицау, мӕнӕ! Арвит мӕн.

Уӕндонӕй сӕ фӕдзӕхсдзынӕн.

(Базард)

3. Фӕлмастӕн абон — утӕхсӕн,

Кӕрон кӕй нӕй фыддзинадӕн.

Ӕцӕгад ссарын сӕ фӕнды,—

Уый зӕрдӕйӕн ӕнцой дӕтты.

Фӕлмасты ’нцой чи балӕудзӕн?

Рӕстдзинад сын чи амондзӕн?

«Мӕ Хицау, мӕнӕ! Арвит мӕн.

Фӕлмӕнӕй семӕ дзурдзынӕн.

(БАЗАРД)

Ыстырдӕр кад куы нӕй мӕнӕн.

Мӕ Хицау, мӕнӕ! Арвит мӕн».