Ног зарӕг
75 (169) зарӕг
Ног зарӕг
1. Зарут цины ног зарӕг Хуыцауӕн уе ’ппӕт дӕр.
Дзурут уый хъуыддӕгтыл, йӕ фӕндтыл иууылдӕр.
Кадджын ын кӕнут йӕ сыгъдӕг къух, йӕ рахиз цонг.
Дуне у ӕвдисӕн — уый кодта раст тӕрхон.
(Базард)
2. Цины зарӕг сис, ӕгас зӕхх дӕр, Иегъовӕйӕн.
Зар ын рухс зӕрдӕйӕ, йӕ ном ын кадджын кӕн.
Алчидӕр Иегъовӕйӕн, Хуыцауӕн кад кӕнӕд.
Хъисфӕндыр ’мӕ уадындз ӕмхъӕлӕсӕй цӕгъдӕнт.
(Базард)
3. Стыр денджыз ’мӕ уым цӕрджытӕй хъуысӕд уымӕн кад.
Зӕххыл чи ис, уыдон хъӕрдӕр кӕнӕнт сӕ зард.
Цин кӕнӕнт цӕугӕдӕттӕ ’мӕ сисӕнт къӕрццӕмдзӕгъд.
Кад Хуыцауӕн хӕхтӕй уадз алкӕм айзӕлӕд.
(БАЗАРД)
Зар! Зар! Зар!
Бӕрзонд ног зарӕг сис.
Зар! Зар! Зар!
Иегъовӕ Паддзах сси.