Нӕхимӕ кӕсӕм
45 (106) зарӕг
Нӕхимӕ кӕсӕм
1. Нӕхимӕ кӕсӕм, куыд ныхас кӕнӕм,
Цӕмӕй уӕм зондджын ӕмӕ къӕрцхъус.
’Лхӕнӕм-иу ӕмбӕлон рӕстӕг:
Дунейыл — Сайтаны къух.
Нӕхимӕ кӕсӕм, куыд ныхас кӕнӕм,
Цӕмӕй уӕм зондджын ӕмӕ къӕрцхъус.
2. Нӕхимӕ кӕсӕм, куыд хъусын кӕнӕм,
Фӕлмастӕн раст фӕндаг амонӕм.
Семӕ Библи ахуыргӕнгӕ,
Уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм.
Нӕхимӕ кӕсӕм, куыд хъусын кӕнӕм,
Фӕлмастӕн раст фӕндаг амонӕм.
3. Нӕхимӕ кӕсӕм, ӕрхъуыдыджын уӕм,
Куы дзурӕм адӕмӕн фарны уац.
Хорз Фыййау Чырыстийау ныр
Мах йӕ «фыстыл» тауӕм уарзт.
Нӕхимӕ кӕсӕм, ӕрхъуыдыджын уӕм,
Цӕлхдур куыд макӕмӕн уа нӕ уаг.