Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ Хуыцауы, нӕ Паддзахы, бӕрзонд кӕнӕм

Нӕ Хуыцауы, нӕ Паддзахы, бӕрзонд кӕнӕм

63 (148) зарӕг

Нӕ Хуыцауы, нӕ Паддзахы, бӕрзонд кӕнӕм

(Псалом 144:1)

1. Ныззарут Иегъовӕйӕн, цӕй!

Ӕгас бон ӕй стаут хъӕрӕй.

Ысбӕрзонд ын кӕнӕм йӕ ном

’Мӕ баввахс уӕм уымӕ ӕнгом.

Йӕ фидар къух махмӕ дӕтты,

Куыд н’ ахауӕм, ’ххуыс нын кӕны.

Цӕй, мах дӕр ыл иузӕрдыг уӕм,—

Хӕларзӕрдӕ у ’мӕ фӕлмӕн.

2. Ӕнувыд, рӕстуд алкӕд уӕм,

Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнӕм.

Йӕ алы хъуыддаг дӕр у раст,

Йӕ рухс номӕн мах кӕнӕм кад.

Уый чи уарзы — хъахъхъӕны сӕ,

Йӕ фӕндон кӕнынц йе ’ххуысӕй.

Йӕ фӕрцы зынтӕн мах быхсӕм.

Нӕ Паддзахӕн арфӕ кӕнӕм!

3. Йӕ Паддзахад ныр у хӕстӕг.

Уый ’рхӕсдзӕн рӕстдзинад ӕцӕг.

А хорз хабар алкуы хӕссут,

Сымах, ’фсӕст кӕмӕн у йӕ уд.

Иегъовӕйы Паддзах у ’вӕрд —

Йӕ ныхмӕ ныр мачи лӕууӕд.

Фыдгӕнджыты скуынӕг кӕндзӕн —

Хуыцауы ысбӕрзонд кӕндзӕн.