Паддзахады зарӕг иумӕ сисут!
81 (181) зарӕг
Паддзахады зарӕг иумӕ сисут!
1. Ныззарӕм, цӕй, уӕлахиз-цины зарӕг,
Уый Стыр Хуыцауы кад бӕрзонд кӕны,
Ныфсы хос у ’мӕ дзуры: «У ӕнувыд».
Ды дӕр ныззар, цӕй, Паддзахадыл ныр:
«Иегъовӕ у стыр Паддзах, уаз.
Зӕхх ӕмӕ арв цин кӕнӕнт уадз».
Чырысти паддзахбадӕныл ӕрбадти,—
Нӕ зарӕг сиды: «Уый ӕвварс лӕуу ды».
2. Мах ацы ног зарӕгӕй хорз уац тауӕм:
Чырысти Паддзах сси, зӕхх у йӕ бар;
Фӕзынд, кӕддӕр куыд загъд уыди, ног адӕм,
Йесо Чырысти дары ууыл арм.
«Иегъовӕйӕн табу кӕнут.
„Фырт Паддзах сси“,— хабар хӕссут!
Ахуыр кӕнут ног Паддзахады зарӕг,
Хуыцауӕн кувут, й’ арфӕ уӕ куыд уа».
3. Ног зарӕг базондзӕн сабыртӕй алчи;
Йӕ дзырд — хуымӕтӕг, зӕрдӕйӕн ӕхцон.
Ӕгас зӕххыл ӕй сахуыр кодтой минтӕ
Ӕмӕ ныр хонынц иннӕты ӕргом:
«Табу кӕнут Хуыцауӕн раст,
Уый мӕрдты тагъд кӕндзӕн ӕгас».
Цӕйут, Иегъовӕйы кадӕн ныззарӕм.
У йын нӕ Паддзахады зард фӕндон.