Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнут!
86 (193) зарӕг
Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнут!
1. ’Рцыди Паддзахад,— уый хъуамӕ хъуыстгонд цӕуа
Ӕвдисӕнӕн алы бӕстӕты.
Хъуамӕ дардыл Иегъовӕйы ном айхъуыса,
Куы срухс уа бынтондӕр, уӕдмӕты.
(Базард)
2. Ныр фыдбонтӕ ыскодта, ’мӕ ’лхӕнӕм рӕстӕг
Зӕххон царды адджындзинӕдтӕй.
Уӕд нын Паддзахад алкӕд ӕппӕты сӕйраг,
’Мӕ хайджын уыдзыстӕм йӕ хӕрзтӕй.
(Базард)
3. ’Ппындӕр ма тӕрсут хорз хабар дзургӕйӕ, ма,
Кӕд уӕ ’фхӕрой карзӕй дӕр адӕм.
Ут ӕдзухдӕр хӕларзӕрдӕ, фидар, уӕздан:
Уӕ хӕс — дзурын хорз хабар алкӕм.
(БАЗАРД)
Цӕй, алкӕдӕм хорз уац хӕссӕм
’Мӕ фӕлмасты Хуыцаумӕ кӕнӕм.
Уадз Хуыцауы стыр ном алчи дзура ӕргом
’Мӕ архайа уый рухс кӕныныл.