Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Паддзахады хабармӕ байхъусут

Паддзахады хабармӕ байхъусут

59 (139) зарӕг

Паддзахады хабармӕ байхъусут

(Исай 55:7)

1. О, Паддзахады хабармӕ байхъусут ныр,

Чырысти зӕгъы: «Бар дарын зӕххыл.

Уӕ Фыдӕзнаг куынӕггонд ӕрцӕудзӕни тагъд,

’Мӕ лидзут йе сӕфт дунейӕ рӕвдздӕр сымах».

(Базард)

2. Иегъовӕ ’Вдисӕнты дзыхӕй дзуры ныхас:

«Сабыр ’мӕ фӕлмас, ды цин кӕн мӕ раз!—

Тагъд Паддзах Йесо йе стыр тых раргом кӕндзӕн,

Мӕгуырдзинад, рыст, мастӕн сӕ кой нал уыдзӕн».

(Базард)

3. У амондджын, чи байхъуса, чи райса хӕс:

«Хуыцауы дзырд ӕз кӕндзынӕн ӕххӕст».

Хуыцау йӕ ’нувыд адӕмӕн — хъахъхъӕнӕг Фыд.

Сӕйраг сын у йӕ Паддзахад, раст у сӕ цыд.

(БАЗАРД)

Уадз фыдгӕнӕг ныууадзӕд ’взӕр фӕндаг,

Ӕмӕ хӕрам уд — йӕ фыдвӕндтӕ, йӕ уаг.

Раздӕхӕд уадз Хуыцаумӕ — у фӕлмӕнзӕрдӕ

’Мӕ у уый хатыргӕнаг.