Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Размӕ, Паддзахады лӕггадгӕнджытӕ!

Размӕ, Паддзахады лӕггадгӕнджытӕ!

19 (43) зарӕг

Размӕ, Паддзахады лӕггадгӕнджытӕ!

(2 Тимофеймӕ 4:5)

1. Цӕуӕм размӕ, алы бӕстӕтӕм

Хуыцауы хабар хӕссӕм.

Сӕрныллӕгтӕн раст фӕндаг арын

Зӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕнӕм.

Цӕмӕй ыскадджын уа нӕ лӕггад,

Ӕдзух нӕ дарӕсмӕ кӕсӕм.

Нӕ куыст махӕн алкӕд зынаргъ у,

Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнӕм.

(Базард)

2. Сымах дӕр тырнут размӕ, ногтӕ,

Хуыцауӕй уын хорзӕх — цард.

Уӕ раздӕры митӕ уӕ рох уӕнт,

Тых уын ратдзӕн Библи фаг.

Хӕссут Хуыцауы уац сыгъдӕгӕй,

Дунейӕн ма фӕзмут йӕ уаг.

Хуыцауы лӕггадгӕнӕг хъуамӕ

Зӕронд дунейӕ лидза дард.

(Базард)

3. «Гыццыл дзуг» ’мӕ «’ндӕр фыстӕ» иумӕ,

Мах размӕ ӕмдзыд кӕнӕм.

Лӕгӕй-усӕй, стырӕй-чысылӕй

Ӕцӕгадимӕ цӕуӕм.

Нӕ лӕггад уаз ӕмӕ сыгъдӕг у,

Фӕнды нӕ, сбӕрзонд ӕй кӕнӕм.

Рӕстзӕрдӕтӕн уымӕй ныфс дӕттӕм,

Хуыцауӕн та стыр кад хӕссӕм.

(БАЗАРД)

Цӕйут, размӕ,

Паддзахады хабар фехъусын кӕнӕм.

Размӕ ’рмӕстдӕр,

Алкӕддӕр Иегъовӕйыл ӕнувыд уӕм.