Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Размӕ, Ӕвдисӕнтӕ!

Размӕ, Ӕвдисӕнтӕ!

11 (29) зарӕг

Размӕ, Ӕвдисӕнтӕ!

(Лукайы 16:16)

1. Ацы фӕстаг бонты фидарӕй лӕууынц

Хуыцауӕн йӕ адӕм — хорз уацы фарс хӕцынц.

Уадз Хӕйрӕг сӕ уыйас дӕр фауӕд —

Сӕ ныфс у Иегъовӕйыл алкӕд.

(Базард)

2. Адӕмы ’цӕгад, рӕстдзинад нал хъӕуынц.

Иегъовӕйы ном та ӕлгъыстаг ныр кӕнынц.

Ӕхсарджын чырыстӕттӕ хъуамӕ

Уый сраст кӕной, афтӕ куыд ма уа.

(Базард)

3. Иагъы ӕфсӕддонтӕн нӕу ӕнцон сӕ цард,

’Мӕ дунейӕн, хицӕуттӕн нал кӕнынц лӕггад.

Ӕнаипп, ӕнӕкъӕм сты алкӕд,

Сыгъдӕг намыс хъахъхъӕнынц алкӕм.

(БАЗАРД)

Цӕй, размӕ, Ӕвдисӕнтӕ, фидарзӕрдӕ ут!

Хуыцауы куыст хъӕлдзӕгӕй иумӕ ’ххӕст кӕнут!

Зӕгъут алкуы: ног дуне къӕсӕрыл и,

Алчи стыр хӕрзтӕй уым ’фсӕст уыдзӕни!