Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Скад кӕнут Иегъовӕйы Фыццаггуырдӕн!

Скад кӕнут Иегъовӕйы Фыццаггуырдӕн!

44 (105) зарӕг

Скад кӕнут Иегъовӕйы Фыццаггуырдӕн!

(Дзуттытӕм 1:6)

1. Фыццаггуырдӕн кад скӕнут —

Хуыцауы Бындар сси,

Йӕ сфӕлдыстӕй фӕстӕмӕ

Уый коммӕгӕс уыди.

Уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл

Уый сфӕлдыста ӕппӕт.

Уыд минӕвар Хуыцауӕн —

Бӕрзонд ӕй кодта уӕд.

2. Кӕд уыд Хуыцауы ’нгӕсӕн,—

Уый кадмондаг нӕ уыд,

Йӕхи нӕ кодта никуы

Ӕмсӕр Хуыцауӕн уый.

Сӕрныллӕгӕй ’рцыд зӕхмӕ,

Уым адӕймагӕй цард,

Цӕмӕй Иегъовӕ сраст уа,

Цард райсой адӕм та.

3. Уӕд уый тыххӕй Хуыцау дӕр

Уый сӕвӕрдта бӕрзонд,

Йӕ Минӕвар уӕвгӕйӕ,

Куыд срухс кӕна Йӕ ном.

Уый тагъд Армагеддоны

Раст кувджытӕн уыдзӕн

Сӕрхъуызой, фӕлӕ знӕгты

Ӕнустӕм фесафдзӕн.

4. Фыццаггуырдӕн кад скӕнут!

Йӕ Паддзахадыл ын

Ӕппӕт хӕдзӕртты дзурут,

Хӕцут ӕцӕгадыл.

Ӕвдисут сын фӕлмӕнӕй,

Ныр сын цы кӕнгӕ у.

«Фыццаггуырдӕн кад скӕнӕм»,—

Ӕфсымӕртӕн зӕгъут.