Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Стыр бузныг дын, Иегъовӕ

Стыр бузныг дын, Иегъовӕ

94 (212) зарӕг

Стыр бузныг дын, Иегъовӕ

(1 Фессалоникӕгтӕм 5:18)

1. Стыр бузныг, Иегъовӕ, ӕрвылбон дӕуӕн,

Кӕй тауыс ды махыл дӕ рухс фӕлмӕн.

Стыр бузныг, Иегъовӕ, кӕй нын скодтай кад —

Дӕумӕ кувын, ’ххуыс курын алыхатт.

2. Стыр бузныг, Иегъовӕ, кӕй ӕрцыд дӕ Фырт,—

Мӕлӕтӕн уый басаста уӕд йӕ тых.

Стыр бузныг, кӕй амоныс махӕн дӕ фӕнд,—

Нӕ ныхас дӕ фӕрцы кӕнӕм ӕххӕст.

3. Стыр бузныг, Иегъовӕ, кӕй нын радтай ды

Чырыстон ӕмбырды ’цӕг ӕмбӕлтты.

Стыр бузныг — дӕ архайгӕ тых нын дӕттыс,

Дӕ удӕй рӕствӕндаг ды мах кӕныс.

4. Стыр бузныг, нӕ Хуыцау, кӕй хъусын кӕнӕм

Дӕ рухс ном, ’мӕ ’цӕгад кӕй амонӕм.

Стыр бузныг — тагъд алы маст ферох уыдзӕн.

Дӕ Паддзахад мах хӕрзтӕй бафсаддзӕн.