Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сывӕллӕттӕ — Хуыцауы стыр лӕвар

Сывӕллӕттӕ — Хуыцауы стыр лӕвар

72 (164) зарӕг

Сывӕллӕттӕ — Хуыцауы стыр лӕвар

(Псалом 126:3, 4)

1. Сабитӕ — Хуыцауы стыр лӕвар,

Мах сын хъомылгӕнӕг хъуамӕ уӕм.

Раст тыхджыны къухы фаттау сӕ

Хорз нысаныл ӕмбӕлын кӕнӕм.

Радта сӕ Хуыцау,

Уайдзӕф кӕн фыдау.

Цӕй, рӕвдаут сӕ фӕлмӕн уарзтӕй,

Аудут сыл Хуыцауы ’ххуысӕй.

2. Рӕзгӕты зӕрдӕтӕ зонынӕн

Стыр зонд ӕмӕ ӕрхъуыды хъӕуы.

Уый уыдзӕн, кӕд раджы райдайӕм

Уыдонӕн ’цӕгад уарзын кӕнын.

Кӕд фӕраздӕр уӕм —

Зӕрдӕ ссардзыстӕм.

Зонд, ӕххуыс Хуыцауӕй агурут,

Уый цы зӕгъы — ӕххӕст ӕй кӕнут.

3. ’Рвылбон семӕ кӕд ныхас кӕнӕм,

Уӕд нӕ хуртӕн ӕнцондӕр уыдзӕн

’Ргомзӕрдӕйӕ дзурын алцыдӕр —

Уый нӕ семӕ ӕнгомдӕр кӕндзӕн.

’Фхӕрыны бӕсты

’Ргом ныхас кӕн ды.

Уӕм фӕзминаг мах дӕр алцӕмӕй,

Фаттӕ ’мбӕлой нысаныл цӕмӕй.

4. Махӕн сты бынӕн нӕ хъӕбултӕ,

Фӕлӕ ’цӕг та Хуыцауы ысты.

Стыр хӕрзтӕй хӕсдзысты махӕн дыргъ,

Кӕд ’мӕ хорз ӕмӕ ’взӕр зондзысты.

Уымӕ ’рмӕст бӕллӕм,

Раст куыд амонӕм.

’Ууӕнд Хуыцауыл — хай кӕндзӕн хӕрзтӕй.

Кад кӕнӕм уымӕн ’гас бинонтӕй.