Сыгъдӕг Фыстад у Хуыцауӕй ӕмӕ у пайда
21 (46) зарӕг
Сыгъдӕг Фыстад у Хуыцауӕй ӕмӕ у пайда
1. Рухс кӕны Хуыцауы Дзырд,
Уый нын раст кӕны нӕ цыд.
Талынг дунейы — цырагъ,
Ссӕрибар кӕндзӕни мах.
2. Сыгъдӕг Фыстадӕй мах раст
Базыдтам Хуыцауы уарзт.
Ууыл ’ууӕндын зонд дӕтты,
Царды фӕндагыл кӕны.
3. Уыцы Дзырд Хуыцауӕй у,
Дзуры нын, куыд цӕргӕ у.
Уый ӕххуысӕй раст кӕнӕм,
Зонд Хуыцауӕй агурӕм.
4. Фыстад раст у ’мӕ пайда —
Уайдзӕф кӕна, зонд дӕтта.
Уый Хуыцауы адӕмы
Алцӕмӕйдӕр рӕвдз кӕны.