Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сылгоймаг-хъусынгӕнджытӕн нӕй нымӕц

Сылгоймаг-хъусынгӕнджытӕн нӕй нымӕц

37 (82) зарӕг

Сылгоймаг-хъусынгӕнджытӕн нӕй нымӕц

(Псалом 68:11, НД [67:12])

1. Иегъовӕ дзырд радта ’мӕ хоны

Сылгоймӕгты уацамындмӕ.

Ӕвдисӕнтӕ тынг бирӕ — минтӕ,

Хӕссынц уац ӕппӕт адӕммӕ.

Нӕма ’рбабон, афтӕмӕй сыстынц,

Сӕ бинонтӕм хорз куыд кӕсой.

Бӕстон алцы рагацау сбарынц,

Ӕрвылбон куыд хъусын кӕной.

2. Нӕ ӕмкусӕг, не ’нувыд хотӕн,

Иегъовӕ, ды стыр хӕрзтӕ ратт.

Сӕ куыстӕн ӕмбал ӕмӕ аргъ нӕй,

Кӕнынц сын ӕфсымӕртӕ кад.

Ис се ’хсӕн идӕдзтӕ, зӕрӕдтӕ,

Сӕхи зынтӕй уыдон тыхсынц.

Уӕддӕр цӕуынц фембӕлдтӕм алкӕд;

Сӕ царды ӕппӕтӕн быхсынц.

3. Нӕ мадӕлтӕн, чызджытӕн, къайтӕн

Уӕд не ’рхъуыды, кад ӕмӕ ’ппӕлд.

Хуымгӕрдӕны архайынц райгӕ,

Рӕстаг удты цардыл — сӕ мӕт.

Ыстыр кад ӕмбӕлы нӕ хотӕм,

Сӕ куысты сын ис стыр тыллӕг.

Кӕсут сӕм, тыхсут сыл зӕрдӕйӕ,

Хуыцау радта дзырд — уый у ’цӕг.