Тауӕм Паддзахады мыггаг
55 (133) зарӕг
Тауӕм Паддзахады мыггаг
1. Ӕрцӕут, Иегъовӕйӕн чи у цагъар,
Зӕрдӕйӕ йыл ’нувыд чи у.
Цы куыст уын ныффӕдзӕхста, аразут уый,
Уӕ Хицауы уымӕй фӕзмут.
Лӕвӕрд уын у ’цӕгады тауинаг ныр,
Уый хорз мӕры тауат цӕмӕй.
Хуыцауӕн хӕсдзӕн дыргъ, ӕнувыд куы уат
’Мӕ куы тауат ӕнӕзивӕгӕй.
2. Фӕндаггӕрон мыггӕгтӕй ’нӕмӕнг кӕлдзӕн —
Ӕруидздзысты сӕ мӕргътӕ уӕд.
Сӕ иннӕтӕ ’рхаудзысты дурджын рӕтты —
Уӕд сӕ судздзӕн ирд хуры тӕвд.
Сындзытау сӕ мӕт, зыд сӕ быны кӕнынц,
’Мӕ не схӕссы рӕз уӕд ӕвзар.
Уӕддӕр ’рхаудзӕн мыггӕгтӕй иу цасдӕр, зон,
Хорз, хъӕздыг мӕры,— уый зӕрдыл дар.
3. Дӕ мыггӕгтӕй хорз мӕры цас хаудзӕн, уый
Фылдӕр хатт дӕуӕй кӕнгӕ у.
Мынӕг кӕн фыдӕхы тӕвд ӕмӕ ӕдзух
Сайтаны ӕвзӕр мӕргъты сур.
Цырд лӕуу ӕмӕ сындзытӕ се ’хсӕнӕй тон —
Фӕлмӕнӕй дӕр, фидарӕй дӕр.
’Мӕ афтӕмӕй ’ркӕрддзынӕ ’нӕмӕнг тыллӕг,
Йе ӕртын, йе сӕдӕхатт фылдӕр.