Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тох кӕнут уырнындзинады сӕрыл

Тох кӕнут уырнындзинады сӕрыл

43 (98) зарӕг

Тох кӕнут уырнындзинады сӕрыл

(Иудӕйы 3)

1. Йесо раст куыд загъта, афтӕ

Сарӕх алкуы ’взӕрдзинад,

Бирӕтӕн сӕ уарзт ныууазал,

Стӕмтӕм ис уырнындзинад.

Цӕй ’мӕ тох кӕнӕм йӕ сӕрыл

Уыцы раст уырнынадӕн —

Фыццаг ӕмбырд ӕй ыссардта,

Фыстад уыд йӕ ратӕдзӕн.

2. Макуы ’руадзӕм, ӕмӕ Хӕйрӕг

Мах уырнынад асӕтта —

Кувгӕ ӕмӕ ахуыргӕнгӕ

Кусӕм, фидар нын куыд уа.

Тас ӕмӕ гуырысхо сурӕм,

Хъазуатон тох кӕд кӕнӕм,

Ныфс кӕрӕдзийӕн уыдзыстӕм,

Размӕ не ’ппӕт дӕр цӕуӕм.

3. Тох кӕнӕм ӕппӕт тыхтӕй дӕр

Раст уырнындзинадыл мах.

’Нувыдӕй, уӕндонӕй дзурӕм,

Цалынмӕ кӕрон нӕ уа.

Срухс уыдзӕн Хуыцауы стыр ном,

Нал уыдзӕн ӕвзӕрдзинад,

Фервӕзын кӕндзӕни мах та

Уӕд Хуыцауы Паддзахад.