Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уарзондзинады дыргъ хӕссут

Уарзондзинады дыргъ хӕссут

39 (86) зарӕг

Уарзондзинады дыргъ хӕссут

(1 Коринфӕгтӕм 13:8)

1. Иегъовӕ уарзонӕй хай кӕны

Йӕ лӕггадгӕнджытӕн ам зӕххыл

Хъӕугӕ лӕвӕрттӕ ныр, цӕмӕй

Йӕ фӕнд ӕххӕст кӕной рӕстӕй.

Йӕ сыгъдӕг удӕн аргъ кӕнынц,

Йӕ дыргътӕ се ’ппӕт дӕр хӕссынц,

Фӕлӕ сӕ иу уӕлдайдӕрӕй —

Уый уарзты дыргъ, ӕмбал ын нӕй.

2. Ӕппӕт дыргътыл дӕр нӕ лӕггады

Фӕразонӕй кусын мах фӕнды.

Фылдӕр та хъуамӕ архайӕм,

Цӕмӕй сӕйраг ӕххӕст кӕнӕм.

Зонд раттын фаг куы нӕ уыдзӕн

Фысау сабырты ’фсадынӕн —

Дӕ зӕрдӕ дӕр сын ратт, цӕмӕй

Уой уыдон хайджын хорзӕхтӕй.

3. Нӕ куыст уӕрӕхдӕр куы ацӕуа,

Уадз афтӕ не ’хсӕн фылдӕр фарн уа.

Фӕрӕдийӕгӕн бабыхсӕм,

Лӕмӕгъы уаргъ фӕрог кӕнӕм.

Гыццыл хъуыддӕгты дӕр нӕ мӕт

Зӕрдӕйӕ иннӕтыл дӕр уӕд.

Гъе афтӕ уарзты дыргъ хӕссӕм,

Цӕмӕй Хуыцауы мах фӕзмӕм.