Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уацамынд — йӕ цин ӕмӕ йӕ тыллӕг

Уацамынд — йӕ цин ӕмӕ йӕ тыллӕг

33 (72) зарӕг

Уацамынд — йӕ цин ӕмӕ йӕ тыллӕг

(Матфейы 5:12)

1. Мах Хуыцау Иегъовӕйӕн кӕй кусӕм,

Ууыл цин кӕнӕм, зӕгъӕн куыд нӕй,

Уымӕн ’мӕ зӕрдӕйӕ дзурӕм хорз уац,

Иннӕтӕн дӕр хай куыд уа ныфсӕй.

Афтӕ нын кӕддӕр Чырысти загъта:

Амондджындӕр уый у, чи дӕтты.

Уӕдӕ ’цӕгадӕй хуыздӕр цы раттӕм,

Уый рӕстдзинад ӕмӕ цардмӕ куы кӕны?!

2. Иу хӕдзарӕй иннӕмӕ куы цӕуӕм,

Уӕд чи — худдзӕн, чи — нӕ байхъусдзӕн.

Ма фӕцудӕд гъеуӕд дӕр нӕ зӕрдӕ,

’Мӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм.

Сӕмбӕлдзыстӕм ноджы карз ӕфхӕрдыл

Мах Хуыцауы номы тыххӕй дӕр.

Йесо загъта, хъуамӕ цин кӕнӕм уӕд,

’Фхӕрд ӕййӕфтой рагон пехуымпартӕ дӕр.

3. Стыр цин и сыгъдӕг лӕггады махӕн,

Йесойы фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд:

Хъусын кӕнӕм мастисӕн бон алкӕм,

Ӕмӕ кад Иегъовӕйӕн нӕрӕд!

Мах хӕссӕм ныфсы хабар ӕппӕтӕн,

Чи бӕллы сабырдзинадмӕ ныр.

Уый у уӕдӕ не стыр цин, нӕ амонд

’Мӕ бӕллиццаг ныфс — ӕнусон цард зӕххыл.