Ут цӕттӕ, хъӕбатыр, фидар
77 (174) зарӕг
Ут цӕттӕ, хъӕбатыр, фидар
1. Ут цӕттӕ, хъӕбатыр, фидар —
Ацы стыр хӕст у рӕстаг.
Ӕмӕ ма тӕрсут ӕппындӕр —
Ныр уыдзӕн уӕлахиз тагъд.
Йесо, Стырдӕр Гедеон, ис ам —
Мадиамыл цӕг ӕрӕвӕрдтам.
Тохмӕ сидт тагъд райхъуысдзӕн махмӕ,
Лидзӕг уӕд фӕуыдзӕн знаг.
2. Ут цӕттӕ ӕмӕ цырддзаст ут,
Хъусынмӕ — ӕргомыздӕхт.
Алчи уӕд йӕхи бынаты,
Хъусӕд Йесомӕ ӕрмӕст.
Уый нын у фӕзминаг, ’мӕ уынӕм,
Иегъовӕйӕн ӕхцон куыд уӕм.
Иу ӕфсадау архайӕм иумӕ,
Иагъы фӕнд кӕнӕм ӕххӕст.
3. Ут цӕттӕ ’мӕ ут фӕразон,
Уӕд уӕ ныфс Иегъовӕ ныр.
Уымӕн алцы ис йӕ къухы
’Мӕ фӕстиат нӕ кӕны.
Загъта ’ртӕсӕдӕйӕн Гедеон,
’Рсиддзӕн мах Фӕтӕг дӕр уыцы бон.
Тох кӕнӕм, куыд нын дзуры, афтӕ —
Уымӕй Иагъ бӕрзонд кӕны.
4. Ут цӕттӕ ӕмӕ ӕмзондӕй
’Вдисӕн хорз уацӕн лӕуут.
’Мӕ Хуыцауы ӕвӕрд фӕткӕн
С’мах ӕнӕмӕнг аргъ кӕнут.
Иузӕрдионтимӕ уӕд нӕ хъӕр:
«Иагъ ’мӕ Гедеоны кард — уӕлдӕр!»
Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ’мӕ фидар!
Суанг кӕронмӕ тох кӕнут!