Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕлахиз кӕнут ацы дунейыл

Уӕлахиз кӕнут ацы дунейыл

1 (3) зарӕг

Уӕлахиз кӕнут ацы дунейыл

(Иоанны 16:33)

1. Размӕ мах цӕуӕм ныфсджынӕй,

Иагъ нын хъару, тых дӕтты,

Уый нын ацы рӕстаг хӕсты

Стыр уӕлахизтӕ дӕтты.

Адӕм нӕм фыдзӕрдӕ дарынц,

Фарны уац сын кӕй хӕссӕм.

Зонӕм, мах уыдзӕн уӕлахиз,

Размӕ фидарӕй цӕуӕм!

2. Ацы дунейы ма дарддӕр

Мах ӕмбӕлдзыстӕм зынтыл.

Загъта Йесо: «Ут хъӕбатыр!

Ӕз сымахӕн ’ххуыс кӕнын».

У нӕ бон уӕлахиз ссарын,

Уый нӕ хӕст куы нӕ уыдзӕн.

Тохы бацӕудзӕн Иегъовӕ,

Знӕгты й’ азар басудздзӕн.

3. Хицау Йесойыл ӕууӕндӕм

’Мӕ уӕлахиздзаутӕ стӕм.

Ныр, йӕ Паддзахад куы сфидар,

Кардӕй уый хӕцы рӕстӕй.

Дуне басаста Чырысти,

Мах дӕр хъуамӕ уый фӕзмӕм.

Ныфс Иегъовӕйыл куы дарӕм,—

Стыр уӕлахиз мах уыдзӕн.