Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕртӕ Иегъовӕйы ӕфсад!

Уӕртӕ Иегъовӕйы ӕфсад!

73 (166) зарӕг

Уӕртӕ Иегъовӕйы ӕфсад!

(Иоил 2:7)

1. Уӕртӕ Иагъӕн йе ’фсад,

Вавилонӕй суӕгъд,

Паддзах Йесойӕн уый

У ныр фидиуӕг.

Барвӕндон хӕстонтӕ,

Размӕ у сӕ каст,

’Хсондурау сты фидар,

’Ппын нӕ зонынц тас.

Ныфс сын у Иегъовӕ,

Раздзог та — йӕ Фырт.

Цины хабар дзурынц:

«Паддзахад ӕрцыд!»

2. Уӕртӕ Иагъы адӕм

«Фысты» агурынц —

Мӕнг фыййӕуттӕм уыдон

Уацары тыхсынц —

Бацӕуынц сӕм ногӕй,

’Рмӕст сӕрибар суой,

Паддзахады залмӕ

Уыдон дӕр цӕуой.

Чи ссӕрибар, уымӕн

Дарддӕр ’ххуыс кӕнынц,

Библийы ӕцӕгад

Уымӕн амонынц.

3. Уӕртӕ «бирӕ адӕм»

Сӕрстытимӕ сты,

Раздзог сын — Чырысти,

Фидар у сӕ цыд.

Сты къӕрцхъус, раст калмау,

’Нӕхин, куыд бӕлон,

Знаджы раз — хъӕбатыр,

Фидар, куыд ӕндон.

Паддзахӕн — Хуыцауӕн —

Райгӕ кад хӕссынц,

Сыгъдӕг дины афтӕ

Размӕ ныр цӕуынц.