Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

5 (10) зарӕг

Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

(1 Коринфӕгтӕм 15:58)

1. ’Рцӕудзӕн кӕрон а фӕстаг бонтӕн тагъд,

Ӕмӕ Хуыцауы куыст скодтам сӕйраг.

Тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй фидар лӕууӕм,

’Нувыд Иегъовӕйыл уӕм.

(Базард)

2. Хӕйрӕджы дуне йӕ монцты фыцы.

Мах та нӕ зонд ӕрвонг дарын хъӕуы.

Алчи Хуыцауимӕ фидар лӕууӕд,—

Ӕмӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн уӕд.

(Базард)

3. Уадз ’мӕ нӕ лӕггад зынгзӕрдӕйӕ уӕд.

Размӕ нӕ алчи цырддзӕстӕй кӕсӕд.

Фидар хӕцӕм алкӕд хорз уацыл мах.

Кӕрон ӕрцӕудзӕнис тагъд.

(БАЗАРД)

Мах хъуамӕ удвидар уӕм, дунейӕ иуварс лӕууӕм,

Ӕцӕгады цӕуӕм ӕмӕ ӕфсармджын уӕм.