Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад
76 (172) зарӕг
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад
1. Цин Иегъовӕйӕн цы хӕссы,
Аргъ цӕмӕн кӕны уый ныр,
Уый у Паддзахад — йӕ фӕрцы
Алцы сраст кӕндзӕн йӕ Фырт.
Пехуымпарты дӕр уырныдта
Уыцы Паддзахад кӕддӕр.
Ӕмӕ ныр нӕ Раздзог, Йесо,
Уымӕ сиды махмӕ дӕр.
(Базард)
2. Стыр кад махмӕ ’рхауди абон —
Паддзахады куыст кӕнын!
Уый у диссаджы хӕслӕвӕрд —
Ратт дӕ тыхтӕ уымӕ ды.
Райсомыл цы мӕт кӕнӕм мах,
Уӕд цы нуазӕм, цы хӕрӕм?
Хицау ныл йӕ арм уӕд дардзӕн,
Паддзахад куы агурӕм.
(Базард)
3. А дуне тагъд аивгъуыйдзӕн,
Ралӕудзӕн ног дуне уӕд.
Кад Иегъовӕйӕн нӕрдзӕни,
Зӕхх ысуыдзӕни дзӕнӕт.
Хорз хабар хӕссӕм сабыртӕн —
Уадз ’мӕ зоной се ’ппӕт дӕр,
Се стыр ныфс кӕй у Иегъовӕ
’Мӕ йӕ хицаудзинад дӕр.
(БАЗАРД)
Агур Паддзахад фыццагдӕр
’Мӕ Иегъовӕйы рӕстад,
У ӕнувыд ууыл алкӕд,
Хӕсс бӕрзонд йӕ номы кад.