Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕлмӕнзӕрдӕ ут

Фӕлмӕнзӕрдӕ ут

96 (215) зарӕг

Фӕлмӕнзӕрдӕ ут

(Лукайы 6:36)

1. Раджы заман Иегъовӕ ыскарста

’Руадзын донхъаймӕт фыддунейыл,

Ӕмӕ Нойӕн хӕслӕвӕрд уый радта:

«Араз нау! Дзур ’мӕ хъусын кӕн ныр!»

Цымӕ Ной уыцы куыстӕй фӕтарсти,

Кӕд нау аразын никуы зыдта?

Нӕ, Хуыцауау фӕлмӕнзӕрдӕ разынд —

Нау дӕр арӕзта, уац дӕр дзырдта.

2. Тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон ацы дугӕн,

’Мӕ Хуыцау махӕн бардзырд дӕтты:

«Кӕрон ’ввахс кӕй у, адӕмӕн дзурут,

Хъус чи ’рдара — сӕ бон уа цӕрын».

Ды зӕгъдзынӕ мыййаг: «Нӕу мӕ бон уый,

Ӕз лӕмӕгъ дӕн, дзырдарӕхст нӕ дӕн»?

У фӕлмӕнзӕрдӕ махмӕ Иегъовӕ —

’Ххуыс кӕндзӕн сыгъдӕг удӕй дӕуӕн.

3. У Иегъовӕ фӕлмӕн, радта ’цӕгад,

’Мӕ нӕ «бӕстӕйы» цин кӕнӕм мах.

Ехх, цӕй диссаджы цард нын уыдзӕни,—

Ам Иегъовӕ Дзӕнӕт скӕндзӕн тагъд!

Уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ адӕммӕ алкӕд,

Сидӕм алкӕмӕ, дард уа, хӕстӕг:

«Архай рӕвдз! Ратт нывонддзырд, лӕггад кӕн

Ды Хуыцауӕн дӕ хъарутӕ дӕтт».