Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Фӕнды мӕ»

«Фӕнды мӕ»

67 (156) зарӕг

«Фӕнды мӕ»

(Лукайы 5:13)

1. Уарзы мах Хуыцауы Фырт тынг —

Уый уӕларвӕй адӕммӕ ’рцыд,

Цӕмӕй семӕ цӕра, ’цӕгад раргом кӕна.

О, ӕцӕгад йӕ дзыхыдзырд уыд.

Стыр ныфс адӕмӕн уый уыдис,

Куырм, рынчынӕн сӕфта йӕ низ.

Уыд зӕрдӕргъӕвд йӕ куыст ’ххӕст кӕнынмӕ —

Загъта уарзгӕйӕ уый: «Фӕнды мӕ».

2. Радта ’ххуыс Иегъовӕ Хуыцау —

Ис ӕууӕнкджын, зондджын цагъар.

Йемӕ ’мгуыст мах кӕнӕм, не ’ппӕт хъару дӕттӕм,

Чи у тыхст, уый цӕмӕй ссара цард.

Мах сӕ ссардзыстӕм, кӕд ӕцӕг

У нӕ уарзт зӕрдӕйӕ, сыгъдӕг.

Кӕд дӕм сидзӕр, идӕдз сида ’ххуысмӕ,

Уӕд зӕгъдзынӕ ’ви нӕ: «Фӕнды мӕ»?

3. Мах Хуыцауы уарзӕм, ӕмӕ

Сидӕм хорз уац базонынмӕ:

Чи у цардӕй фӕлмӕст, иунӕг чи у ’мӕ ссӕст —

Мах ӕцӕгад хӕссӕм се ’ппӕтмӕ.

Стыр цин махӕн, уыдон дӕр кӕд

Айсой ’цӕгад Библийӕ, уӕд,

’Мӕ Хуыцауӕн тырной кад кӕнынмӕ.

О, куы загътам ӕцӕг: «Фӕнды мӕ».