Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕсивӕд! Сӕ уырнындзинад сын бафӕзмут

Фӕсивӕд! Сӕ уырнындзинад сын бафӕзмут

99 (221) зарӕг

Фӕсивӕд! Сӕ уырнындзинад сын бафӕзмут

(Дзуттытӕм 6:12)

1. Силоммӕ хӕрз сабийӕ ’рцыд Самуил,

Хуыцауӕн куывта уым ’мӕ уым кодта стыр.

Израилы пехуымпар уый фӕстӕ сси,

Иегъовӕйӕн уый назорей дӕр уыди.

Уыди сауджын Илийы фыртты ’гъдау хӕлд.

Цымӕ Самуил касти уыдонмӕ уӕд?

Нӕ, уый уыд ӕнувыд, уый коммӕгӕс уыд,

Иегъовӕйы зондыл уый алкӕддӕр цыд.

2. Чысыл саби уыд Тимофей, ’мӕ уӕдӕй

Зыдта Фыстад, ’мӕ сси хорз хистӕр ыстӕй.

Йӕ царды ’ххӕст кодта, цӕуыл сахуыр, уый.

Йӕ удӕй арт цагъта ’мӕ иузӕрдыг уыд.

Ӕцӕг хорз ном йе ’мбырды уымӕн уыди,

Ӕмдзыхӕй дзырдтой уӕд, ӕууӕнк ыл кӕй и.

Ӕрхауд ӕм ыстыр кад — цыд Павелимӕ,

Йӕ балцы лӕггад арфӕ уыд алкӕмӕн.

3. Израилаг чызг у ’взонг хотӕн дӕнцӕг —

Йӕ уырнындзинад уыд фӕрдыгау сыгъдӕг.

Хуыцауыл ӕууӕндыд, кӕд уацары уыд,

Йӕ уды цӕхӕр сыгъта зӕрдӕты зынг.

Нӕ тарст Нееманӕн йӕ усӕн зӕгъын:

«Иегъовӕйы пехуымпар суры фыдрын».

Уӕд байхъуыста Сирийы ’фсадхон, ӕмӕ

Ӕрхаста йӕ удӕн ӕцӕг стыр хӕрзтӕ.

4. Ӕвзонг хотӕ, ’фсымӕртӕ, растыл хӕцут,

Гъе ахӕмты алкӕддӕр царды фӕзмут.

Фӕстаг бонты махӕн нӕ хӕс у ыстыр,—

Иегъовӕ ӕвзары, кӕй арвита ныр.

Нӕ кӕстӕртӕ, тохы ныфсджынӕй хӕцут,

Рӕстуарзаг ныр чи у,— сымах семӕ ут.

Фӕдзӕхсут, цӕй, алкӕй, Хуыцауӕн уа кад,

Цӕмӕй йе стыр хорзӕхӕй хайджын фӕуат.