Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хицауы ӕхсӕвӕр

Хицауы ӕхсӕвӕр

40 (87) зарӕг

Хицауы ӕхсӕвӕр

(1 Коринфӕгтӕм 11:23—26)

1. Нӕ уӕларвон Фыд, Иегъовӕ,

Табуйаг у а ’хсӕв ’мӕ уаз!

Нисанӕн йӕ цыппӕрдӕсӕмы сбӕрӕг

Дӕ рӕстад, зонд, тых ӕмӕ уарзт.

Уӕд Куадзӕны уӕрыкк ӕрцыд хӕрд,

Израил ыссӕрибар и.

Фӕлӕ ралӕууыд дуг ӕмӕ Хицау йӕ туг

Уӕд ныккалдта, куыд рагзагъд уыди.

2. Ӕрӕмбырд ыстӕм мах дӕ разы,

Дӕ уӕтӕры фыстау, ӕнгом,

Чырыстийы уарзтӕн цӕмӕй скӕнӕм кад

’Мӕ сбӕрзонд кӕнӕм дӕ уаз ном.

Нӕ разы лӕууы фынг цӕттӕйӕ.

Йӕ уӕлӕ — сӕн ’мӕ донгонд дзул,

Сты нысӕнттӕн лӕвӕрд — цард ыссарынӕн хӕрд.

Хъуамӕ уымӕй ӕфсадӕм нӕ уд.

3. Дзул амоны Йесойы буармӕ,—

Ӕрхаста йӕ алкӕй бӕсты.

Сыгъдӕг сырх сӕн та у йӕ туджы нысан,

Тӕригъӕдтӕ бамбӕрзта уый.

Цӕй, уыцы Ӕрымысӕн стыр бон

Нӕ зӕрдӕ ’мӕ зонды цӕрӕд.

Хъуамӕ Йесойы къахвӕдтыл раст цӕуӕм мах,

Ӕмӕ ’нусон цард ссардзыстӕм уӕд.