Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауимӕ цу!

Хуыцауимӕ цу!

58 (138) зарӕг

Хуыцауимӕ цу!

(Михей 6:8)

1. Хуыцауимӕ цу бонзонгӕ.

Рӕстӕй, хӕларӕй цӕр.

Хуыцауыл ма сив дӕ зӕрдӕ,

Тыхтӕ дын уый дӕтдзӕн.

Ӕцӕгадыл ӕнувыд у —

Нӕ фӕцуддзынӕ уӕд.

Гыццыл сывӕллонау дӕ къух

Хуыцаумӕ ратт ӕрмӕст.

2. Хуыцауимӕ сыгъдӕгӕй цу,

Тӕригъӕд мауал ’руадз.

Ды размӕ тырн ӕппынӕдзух,

Йӕ хорзӕх дӕ куыд уа.

Дӕ хъуыды алкӕд ууыл уӕд,

Цы у сыгъдӕг ’мӕ раст.

Цӕмӕй ысфӕразай ӕппӕт,

Хуыцауӕй у ныфсхаст.

3. Хуыцауыл иузӕрдион у,

’Мӕ уӕд ыссардзынӕ

Хуыцауы ’фсарм, зӕрдӕйы рухс,—

Хуыздӕр хӕрзтӕ куы нӕй!

Хуыцауимӕ цу хъӕлдзӕгӕй,

Йӕ кадыл заргӕ кӕн.

Йӕ Паддзахады уаз куыстӕй

Стыр цин уыдзӕн дӕуӕн.