Хуыцауы Паддзахадмӕ лидзут!
62 (146) зарӕг
Хуыцауы Паддзахадмӕ лидзут!
1. Чи у сӕрныллӕг — Иегъовӕйы агур.
Агур сӕрныллӕгдзинад ’мӕ рӕстад —
Чи зоны, ратта йӕ мастисӕн стыр бон
Дӕуӕн уый ӕмбӕхсӕн бынат.
(Базард)
2. ’Цӕгад, рӕстдзинад чи агуры — ’рцӕут.
’Фхӕрд уд дзыназгӕ, хъыг мауал кӕнӕд.
Ссарут Хуыцауы фӕндаг, ут сӕрибар,
Уӕ Паддзах Чырысти ысуӕд.
3. Цингӕнгӕ, цӕй, ныр уӕ сӕртыл ысхӕцут,
Паддзахад архайы,— уый ныр уынут!
Исут зӕрдӕйӕ Иегъовӕйы уаз рухс,
Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕй тӕрсут!
(БАЗАРД)
Ныфс у ’рмӕст Паддзахад — лидзгӕ йӕм ут,
Уый фарс хъӕддыхӕй лӕуут (ныр лӕуут).
Уӕд Хуыцау хъахъхъӕндзӕн, арфӕ кӕндзӕни,
Й’ амындтӕм хъусгӕ кӕнут (цӕй, кӕнут).