Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнӕм!

Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнӕм!

64 (151) зарӕг

Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнӕм!

(Матфейы 24:14)

1. Паддзахады тыххӕй дзур ды — Йесо уый тыххӕй дзырдта.

Ацы хорз хабар фехъусын кӕнӕм!

Цӕй, хъӕбатыр нӕ уӕд алчи, уыцы хорз уац куы хӕсса.

Ацы хорз хабар фехъусын кӕнӕм!

Хъусын кӕн хорз хабар уынгты, стӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ.

Уыцы хорз хабар мыхуырӕй хӕсс ныр алкӕмӕ.

Хъусын кӕн хӕларӕй, ’мбаргӕйӕ,— фӕстӕ кӕнӕн нын нӕй.

Ацы хорз хабар фехъусын кӕнӕм!

2. Хъусын кӕн, Иегъовӕ стыр куывд ам кӕй ыскӕндзӕни тагъд.

Ацы хорз хабар фехъусын кӕнӕм!

Сабыр адӕмӕн кӕй уыдзӕни хъӕздыг фынгыл бынат.

Ацы хорз хабар фехъусын кӕнӕм!

Хъусын кӕн — сыгъдӕг сӕн фынгтыл донпарахатӕй уыдзӕн,

’Ххормаг чи у, уый хуыздӕр хойрагӕй бафсӕддзӕн.

Тагъд ирвӕзындзинад адӕмӕн сӕ цинты цин уыдзӕн.

Ацы хорз хабар фехъусын кӕнӕм!

3. Хъусын кӕн: Хуыцауы Паддзахад ыстыр цинӕн фӕзынд.

Ацы хорз хабар фехъусын кӕнӕм!

Иегъовӕйы чи уарзы, уый нӕ хъӕуы ’нкъард кӕнын.

Ацы хорз хабар фехъусын кӕнӕм!

Хъусын кӕн: ам ис ӕххуыс ӕппӕтӕн, чи цӕры рӕстӕй,

Ам, йӕ ныфс Хуыцауыл чи ’вӕры, цӕрдзӕн фӕрнӕй.

Хъусын кӕн, Хуыцауӕн кувынӕй ыстырдӕр цин кӕй нӕй.

Ацы хорз хабар фехъусын кӕнӕм!