Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы амындтӕ ӕххӕст кӕнӕм

Хуыцауы амындтӕ ӕххӕст кӕнӕм

9 (26) зарӕг

Хуыцауы амындтӕ ӕххӕст кӕнӕм

(Раргомад 12:17)

1. Иузӕрдыг, цӕй, Хуыцауыл уӕм,

Не ’фсарм сыгъдӕгӕй хъахъхъӕнӕм,

Хӕдзӕрттӕм хорз хабар хӕссӕм,

Иагъӕн йӕ ном бӕрзонд кӕнӕм.

Мах ныфс дӕттӕм рыстзӕрдӕтӕн,

Маст куыд фӕивой зарджытӕм;

Сӕвӕрӕм сыл нысан, цӕмӕй

Хызт уой Хуыцауы азарӕй.

2. Кӕд ’мӕ нӕ цӕст сыгъдӕг уыдзӕн,

Арф нӕ ӕцӕгад ахиздзӕн.

Кӕд ’мӕ нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм,

’Нусон цард уӕд нӕ хай уыдзӕн.

Уацамындмӕ цӕттӕ стӕм кӕд,

Алкуы ӕцӕгад хъуысдзӕн уӕд.

Кӕд ’мӕ нӕ фӕндаг раст уыдзӕн,

Паддзахад цинӕй бафсаддзӕн.

3. Не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм,

Иннӕтӕн куыд нӕхицӕн уӕм,

’Ввахс кӕмӕн у ӕцӕг Хуыцау,

Семӕ цӕрӕм иу бинонтау.

Мах ныр Хуыцауӕй бузныг стӕм,

Ацы куыст кӕй ӕххӕст кӕнӕм.

Алчи нӕ ’наиппӕй цӕрӕд —

Стыр кад Иегъовӕйӕн хӕссӕд.