Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы раз хорз ном скӕнӕм

Хуыцауы раз хорз ном скӕнӕм

16 (37) зарӕг

Хуыцауы раз хорз ном скӕнӕм

(Екклесиаст 7:1)

1. Хуыцауы хорзӕх

Зӕрдӕйӕ агурӕм.

Фӕнды нӕ, уымӕн

Ӕхцондзинад хӕссӕм.

Хорз ном Хуыцауы раз,

Куыд бамбӕрстам уый раст,

Нӕ бон у скӕнын.

Уый у сӕйраг.

2. Ныхасӕй, уагӕй

Нӕхицӕн скӕнӕм ном.

Сӕххӕст уыдзӕн уӕд

Нӕ зӕрдӕйы фӕндон.

Хуыцаумӕ кӕд тындзӕм,

Хорз ном нын уӕд уыдзӕн,

Уӕд нын йӕ фарнӕй

Хай бакӕндзӕн.

3. Хорз ном ыскӕнӕм,

Хуыцаумӕ хъусгӕйӕ.

Уый ахсджиаг у,

Лӕгӕн йӕ цӕргӕйӕ.

Йӕ Дзырды фарс лӕууӕм,

Ӕмӕ йын кад кӕнӕм,

Ӕмӕ уыдзӕни

Нӕ Хӕлар уӕд.

4. Фыдбонтӕ скодта,

’Мӕ хъуамӕ архайӕм,

Нӕ Хуыцау Иагъмӕ

Хорз ном куыд ыскӕнӕм.

Уӕдӕ рӕстӕй цӕрӕм,

Алкӕддӕр рухсы уӕм,

’Ппӕт тыхтӕй дарддӕр

Хорз уац хӕссӕм.