Хуыцауы уарзтӕн аргъ кӕнӕм
24 (50) зарӕг
Хуыцауы уарзтӕн аргъ кӕнӕм
1. О Стыр Хуыцау, ды уаз дӕ, зӕрдӕйӕ мах дӕу уарзӕм,
Иегъовӕ, ’рмӕст дӕуӕн кад кӕнӕм.
Дӕ кадджын номӕн табу, дӕ Дзырд — уый нын цырагъ у,
Дӕ раст фӕндагыл уый фӕрцы стӕм.
Дӕ алы ми рӕстаг у, фӕлӕ дӕ уарзт сӕйраг у,
Уынӕм дын де стыр зонд ӕмӕ тых.
Дӕ Ныхас ныфс ӕвӕры: сыгъдӕг куы уӕм зӕрдӕйӕ,
Ыстыр хӕрзтӕ ныл таудзынӕ ды.
2. Мах бауарзтай ды раздӕр — Чырыстийы ды радтай,
Нӕ уарзтӕй уымӕн дзуапп дӕттӕм мах.
Уый срухс кодта дӕ уаз ном, дӕ уарзт йӕ фӕрцы раргом,
Ӕнусон цардмӕ радта фӕндаг.
Нӕй уымӕй стырдӕр уарзт та, нӕ сӕрвӕлтау кӕй радта
Йӕ цард — уый у зынаргъ, стыр лӕвар.
Цӕмӕй мах уӕм сӕрӕгас, нӕ Фыййауӕн кӕнӕм аргъ,
Йӕ уынаффӕ, йӕ зондыл — нӕ цард.
3. Нӕ нӕ басӕтдзӕн дуне, ӕцӕг цы у, уый дзурӕм,
Мах Паддзахадыл ’нувыд ыстӕм.
Мах уыцы бархи куысты нӕ удӕй арт цӕгъддзыстӕм,
Мах алкӕуыл нӕ уарзт таудзыстӕм.
Лӕггад кӕнӕм ӕнгомдӕр, нӕ уарзт кӕны ӕргомдӕр,
Гъе уымӕй мах чырыстӕттӕ стӕм.
Йӕ Паддзахады хӕрзтӕ, цӕй, тауӕм алы бӕсты,
«Иттӕг хорз» зӕгъа, ’нхъӕлмӕ кӕсӕм.