Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы уарзт — махӕн фӕзминаг

Хуыцауы уарзт — махӕн фӕзминаг

41 (89) зарӕг

Хуыцауы уарзт — махӕн фӕзминаг

(1 Иоанны 4:19)

1. Иегъовӕ Хуыцау ыстыр зондӕй махӕн

Не ’ппӕтӕн,

Алкӕмӕн,

Фӕзминаг дӕнцӕг ӕвдисы нӕ цардӕн,

Раст куыд цӕуӕм,

Раст куыд цӕуӕм.

Йӕ рӕсугъд фӕндаг уый никуы фӕивы,

«Цӕут ыл сымах»,— ныр махмӕ дӕр сиды.

Нӕ аздӕхдзыстӕм а фӕндагӕй никуы,—

Уый куы у уарзт,

Хуыцауы стыр уарзт.

2. Ӕфсымӕрон уарзт Хуыцауы фӕндагыл

Ссудзы тынг,

Ссудзы зынг.

Кӕрӕдзийӕн ’ххуыс куыд кӕнӕм хъуыддагӕй —

Ахуыр кӕны,

Ахуыр кӕны.

Цӕй, алкӕй ӕцӕг, фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм,

Ӕххуыс сын кӕнӕм,— уыной хорз сӕ развӕд.

Цыфӕнды зын уӕд — цӕудзыстӕм мах размӕ.

Равдисӕм уарзт,

Ӕфсымӕрон уарзт.

3. Иегъовӕ у уарзт. Йӕ адӕм ын уарзгӕ

Кувдзысты,

Кувдзысты,

Цӕмӕй сбӕлвырд уой йӕ хицауы бартӕ,

Кад ын уа стыр,

Кад ын уа стыр.

Цӕй, хъусын кӕнӕм мах алкуы йӕ ном дӕр,

Ӕцӕгады рухс уыной «фыстӕ» ’ргомдӕр.

Йӕ куыст нын кӕнӕд ӕхцонӕй-ӕхцондӕр.

Уый куы у уарзт,

О, уый у ’цӕг уарзт.