Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн аргъ кӕнӕм
65 (152) зарӕг
Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн аргъ кӕнӕм
1. О, цӕй стыр зонд и Хуыцаумӕ
’Мӕ цы хъӕздыгад ыстӕй!
Уый тӕрхӕттӕ ’мӕ фӕндӕгтӕн
Махӕн раиртасӕн нӕй!
Уымӕн чи дӕтты уынаффӕ
’Мӕ йын чи кӕны ӕххуыс?
Махӕй уый хӕсджын цӕмӕй у,
Йе кӕуыл уый дары ныфс?
2. У фӕлмӕнзӕрдӕ Иегъовӕ,
Бузныг уый тыххӕй зӕгъӕм,
’Мӕ рӕстдзинады Хуыцауӕн
Мах нӕ цард, нӕ уд дӕттӕм.
Иугӕр мах нывонддзырд радтам,
Хъуамӕ уӕд цӕрӕм рӕстӕй
’Мӕ нӕ бон цы у, цы зонӕм,
Уый кӕнӕм ӕппӕт тыхтӕй.
3. Дуне махӕн нӕу фӕзминаг,
Цӕй, нӕ зонд ысног кӕнӕм.
Уадз ӕмӕ нӕ ’цӕгад ивӕд,
Мах уырнӕгзӕрдӕ куыд уӕм.
Арфӕ кургӕйӕ Хуыцауӕй,
Кусӕм ын сӕрныллӕгӕй
’Мӕ нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм,—
Ссарӕм цин ’мӕ фарн цӕмӕй.