Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы хицаудзинад дардыл анхъӕвзта

Хуыцауы хицаудзинад дардыл анхъӕвзта

25 (53) зарӕг

Хуыцауы хицаудзинад дардыл анхъӕвзта

(Исай 9:6, 7)

1. Кад уӕд Хуыцауы ’вӕрд хицаудзинадӕн!

Абон йӕ къабӕзтӕ айтыгъта уый.

’Нӕрлӕугӕ зарынц Иегъовӕйы кадӕн,

Чидӕрид уымӕн йӕ рухсы цӕуы.

Цанӕбӕрӕг уыди раджы йӕ райдиан,

Ирвӕзынгӕнӕг сӕрныллӕгӕй цыд.

Абон та сӕрстытӕ ’мӕ «бирӕ адӕм»,

Заргӕйӕ, уымӕн кӕнынц кад ’мӕ цыт.

2. Абон Чырысти — Тӕрхоны лӕг, Паддзах,

Дзыллӕтӕ, дуне йӕ разы лӕудзӕн.

Сфидар кӕндзӕн уый Хуыцауы стыр бартӕ,

Йе знӕгты иууыл бындзагъды кӕндзӕн.

Диссаджы зондджын, Ӕнусон Фыд махӕн,

Фидар Хуыцау, Фарны Кънйаз уый хуыйндзӕн.

Ӕрхӕсдзӕн Иегъовӕ ӕнусон фарн зӕхмӕ,

Дарддӕр йӕ хицауад рӕзгӕ цӕудзӕн.

3. О, уый цӕй стыр кад ӕрхауд абон махмӕ!

Уыцы рӕзт зӕрдӕйӕн ’хсызгон кӕм нӕу!

Иннӕтӕн ’вгъау, цӕй, ды уыцы цин ма кӕн,

Уацамынд амондджын скӕндзӕни дӕу.

Бафӕдзӕхс, абон Хуыцауы чи фауы,

Армагеддон, зӕгъгӕ, ’рхӕстӕг и ныр.

Ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕн алкуы

Хорз хабар уыдонӕн, чи у сабыр.