Хуыцауы чиныг — стыр хӕзна
80 (180) зарӕг
Хуыцауы чиныг — стыр хӕзна
1. Ис иу чиныг — йӕ ныхӕстӕй уый абон
У цин ӕмӕ ныфсы хос адӕмӕн.
Йӕ диссаджы хъуыдыты ис ыстыр тых,
Цард ратты «мардӕн», цӕстырухс — «куырмӕн».
О, уыцы стыр хӕзна у Сыгъдӕг Библи.
Рагзаманты уый ’взӕрст лӕгтӕ фыстой,
Сӕ Хуыцау Иегъовӕйы ’цӕг уарзтой,
Йӕ сыгъдӕг уды разамынд уыдтой.
2. Ныффыстой раст, Хуыцау куыд скодта дуне,
Йӕ хъомысӕй куыд фӕзынди ӕппӕт.
Фыссынц, нӕ рагфыдӕл ӕххӕст кӕй уыди,
Ӕмӕ ыстӕй куыд фесӕфти Дзӕнӕт.
Стӕй дарддӕр иу зӕды тыххӕй дӕр дзурынц:
Уый загъта, Иегъовӕ кӕй нӕу раст.
Йӕ фыдвӕнд ’рхаста маст ӕмӕ тӕригъӕд,
Иегъовӕйы уӕлахиз та у ’ввахс.
3. Цӕрӕм мах абон амондджын рӕстӕджы,
Ӕрвтыл Хуыцауы Паддзахад фӕзынд.
Иегъовӕ тагъд ирвӕзындзинад ратдзӕн
Ӕппӕтӕн, йемӕ ’мвӕндӕй чи цӕуы.
Йӕ чиныджы ныфсдӕттӕг цины уацӕн
Нӕй абарӕн сыгъзӕринимӕ дӕр.
Уым адӕмӕн ӕрдхӕрӕны ныфс судзы.
Нӕ фесӕфдзӕн йӕ аргъ ӕнустӕм дӕр!