Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы ӕвӕрд фӕткыл фидар хӕцӕм

Хуыцауы ӕвӕрд фӕткыл фидар хӕцӕм

4 (8) зарӕг

Хуыцауы ӕвӕрд фӕткыл фидар хӕцӕм

(1 Коринфӕгтӕм 14:33)

1. Ныр Хуыцауы адӕм алкуы уац хӕссынц —

Паддзахады хабар,— тынг ын аргъ кӕнынц,

Хъуамӕ уӕд Хуыцауы ’вӕрд фӕткыл хӕцой,

Архайой ӕмвӕндӕй, иузӕрдион уой.

(Базард)

2. Йесо у нӕ Хистӕр, алцыдӕр уыны;

Алцӕмӕй йӕ ӕфсад ифтонг уый кӕны.

Монон тохы иумӕ фидарӕй хӕцӕм,

Мах ӕмвӕнд, ӕмзӕрдӕ хъуамӕ алкӕд уӕм.

(Базард)

3. Иудадзыг нӕ размӕ сыгъдӕг уд кӕны,

Уыимӕ нын «цагъар» разамынд дӕтты.

Фидар уӕм, Хуыцау нӕ тынг райгонд куыд уа,

Хъусын кӕнӕм, уый цыдӕриддӕр зӕгъа!

(БАЗАРД)

Хъусӕм мах хъуамӕ алкӕд Хуыцаумӕ,

Хӕсджын йӕ разы стӕм.

Уый нӕ рӕвдауы, й’ арм махыл дары,

Иузӕрдион ыл ыстӕм.