Хуыцауы ӕнувыд уарзт
49 (114) зарӕг
Хуыцауы ӕнувыд уарзт
1. У Хуыцау ’нувыд уарзт!
Уый у ’цӕгад, ӕрвтӕй хаст.
Фырты уарзгӕ рарвыста,
Ахӕстаргъ уый бафыста,
Ссарӕм мах цӕмӕй рӕстад,
Амонд ’мӕ ӕнусон цард.
(Базард)
2. У Хуыцау ’нувыд уарзт!
Ууыл й’ архайд дзуры раст.
Паддзах скодта Фырты уый,—
Уым дӕр йе стыр уарзт зыны.
Афтӕ сӕххӕст и йӕ дзырд
’Мӕ йӕ Паддзахад фӕзынд!
(Базард)
3. У Хуыцау ’нувыд уарзт!
Фарн нӕм у уӕлӕрвтӕй хаст.
’Ууӕнкджын цагъар у ӕвӕрд,
Стыр хӕс ын ӕрцыд лӕвӕрд:
Кад Иегъовӕйӕн хӕсса,
Йе стыр ном ын рухс кӕна.
(Базард)
4. У Хуыцау ’нувыд уарзт!
Судзӕд мах зӕрдӕ дӕр уадз.
Сабыртӕм фӕкӕсӕм, цӕй,
Ныр цӕмӕй цӕрой рӕстӕй.
Иу хӕдзарӕй иннӕмӕ
Ныфс хӕссӕм мах алкӕмӕн.
(БАЗАРД)
Дойны кӕмӕн у, цӕут,
Нуазут царды дон лӕвар.
’Рцӕут, дойны басӕттут,
Уӕд уын йӕ уарзт хӕлар.