Хуыцауӕн нывонддзырд
6 (13) зарӕг
Хуыцауӕн нывонддзырд
1. Иегъовӕ сфӕлдыста дуне
Ӕвӕджиау ыстыр,
Йӕхи сты ӕрвтӕ дӕр, зӕхх дӕр —
Йӕ къухты конд ысты.
Уый радта царды улӕфт дӕр,
Хъуыддӕгтӕй равдыста,
Кӕй ӕмбӕлы уымӕ кад, ӕппӕлд,
Ӕрмӕст уый кӕй у Хуыцау.
2. Синайы хохрӕбын раджы
Израил радта дзырд —
Иегъовӕйы лӕвӕрд Закъон
Зӕрдӕйӕ ’ххӕст кӕнын.
Уый уыд сӕ мой ’мӕ сӕ хицау,
Сырх денджызыл кӕнӕг,
Йӕ разы цӕмӕй уыдаиккой
Нывонддзырд ӕххӕстгӕнӕг.
3. Уӕд Йесо донаргъуыд райста,—
Рӕстдзинад сӕххӕст уа,
Сӕрныллӕгӕй Хуыцауы фӕнд
Цӕмӕй ӕххӕст кӕна.
Уый рахызтис Иорданӕй,
Хуыцауы Фырт, йӕ сӕрст,
Йӕ Фыдыл — ӕнувыд, коммӕгӕс,
Хуыцауӕй уыди ӕвзӕрст.
4. Дӕ разы стӕм ныр, Иегъовӕ,
Дӕ номӕн кад кӕнӕм.
Нӕхи мӕт нал кӕнӕм ӕппын,
Нӕ цард дӕуӕн дӕттӕм.
Дӕ иунӕггуырд Фырты радтай
Ды мах тыххӕй лӕвар.
Дӕу тыххӕй — цӕргӕ кӕнӕ мӕлгӕ,
Ӕгасӕй нӕ цард — дӕ бар.