Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ
54 (132) зарӕг
Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ
1. Хуыцауы фырттӕ, хъахъхъӕнут
Уӕ зӕрдӕ, ’мӕ цӕрат.
Йӕ Ныхас ын ӕххӕст кӕнут,
Цӕмӕй рох ма кӕнат:
Хъуыддӕгтӕ зонды райгуырынц —
Хъуыды вӕййы фыццаг.
Гъе уымӕн хъахъхъӕнут уӕ зонд,
Чырыстӕттӕ куыд уат.
2. Зӕрдӕ хъахъхъӕнынӕн ӕххуыс
Хуыцау дӕтты куывды.
Дӕ алы сагъӕс уымӕн дзур,
У бузныг алкӕд ды.
Хуыцауы Дзырды ахуыр дӕр
У раст зондӕн пайда,
Ӕххуыс ма хорз хӕлӕрттӕ сты,—
Йӕ рухсы чи цӕуа.
3. О, алкӕддӕр хъуыды кӕн ды,
Цы у хъӕугӕ ’мӕ ’цӕг,
Цы у сыгъдӕг ӕмӕ рӕсугъд,
Цӕмӕй раппӕла лӕг.
Уый ку’ айсай арф дӕ зӕрдӕмӕ,
Уӕд фарн уыдзӕн дӕ хай,
Дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕндзынӕ ды,
Ӕнустӕм куыд цӕрай.