Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъусын кӕнут ӕнусон хорз хабар

Хъусын кӕнут ӕнусон хорз хабар

3 (6) зарӕг

Хъусын кӕнут ӕнусон хорз хабар

(Раргомад 14:6—8)

1. Хуыцауы зӕд фӕдисонау ӕрвтыл тӕхы —

Ӕгас зӕххыл ӕнусон цины уац хӕссы.

Зӕгъы: «Фӕтӕрсут Паддзахӕй, кӕнут ын кад.

Ӕрмӕст Хуыцау Иегъовӕйӕн кӕнут лӕггад».

Хуыцауы стыр тӕрхоны сахат ныр ӕрцыд,

Фыдлӕг йӕхиуыл бавзардзӕн тагъд йе стыр тых.

Хуыцауы уацхӕссӕг та хъуамӕ ма тӕрса,

Ӕдӕрсгӕ алкуы ацы цины уац хӕсса.

2. Нӕргӕ хъӕлӕсӕй дыккаг зӕд цы дзуры ныр,

Цы куыст кӕнынмӕ хоны мах, Ӕвдисӕнты?

Уый дзуры ’мӕ зӕгъы: «Стыр Вавилон ӕрхауд,

Хуыцауы фӕндӕй уый бынсӕфт кӕндзӕни тагъд».

’Мӕ махӕн та зӕгъы Иегъовӕ: «Дзурут ’ргом,

Мӕ мастисӕн бон срухс кӕндзынӕн ӕз мӕ ном».

Кӕм хъусын кӕнӕм, уыцы быдыр у ыстыр,

Фӕлӕ Хуыцауы зӕд ӕрвтӕй ӕххуыс кӕны.

3. ’Рцыд Адӕймаджы Фырт ӕмӕ йӕ зӕдты ’фсад,

Тӕрхон кӕндзӕни адӕмтыл Чырысти раст.

Фӕлмастӕ! Хорз кӕнут, ӕвзӕрӕй дард лӕуут,

Хуыцаумӕ хъусут, ӕмӕ уымӕй ’рмӕст тӕрсут.

Нӕ Хицау стыр куыст бахӕс кодта не ’ппӕтӕн

«Хӕсс хорз хабар, ӕцӕгад амон алкӕмӕн».

Зӕрдӕбынӕй Хуыцауы номӕй мах зӕгъӕм:

«Цӕй, цингӕнгӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм».