Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уӕм?

Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уӕм?

79 (177) зарӕг

Цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уӕм?

(2 Петры 3:11)

1. Хуыцауы стыр бон ис ӕдзух нӕ цӕстыты раз.

Иегъовӕ ’мӕ йӕ Фыртыл мах зӕрдӕйӕ стӕм баст.

’Хсӕв аивгъуыдта ӕмӕ ӕрбарухс и,

Сайтаны дуне тагъд сӕфт ӕрцӕудзӕни.

Ӕхсызгонӕй хъӕуы мах кувын, куыд уӕм цырддзаст,

Зӕрдиагдӕрӕй кувӕм, ӕмӕ ма уӕм ныфссаст.

Иегъовӕмӕ нӕ куывд ӕппӕт удӕй куы уа,

Уӕд ыссардзыстӕм, ӕрмӕстдӕр уымӕй ’рцӕугӕ, ’цӕг фарн.

2. А дуне нын нӕ цин ӕмӕ нӕ фарн дӕр уыны,

Раст сценӕмӕ кӕсӕгау, махмӕ алчи кӕсы.

Уӕд цавӕр адӕм мах хъуамӕ не ’ппӕт уӕм?

Куыд сыгъдӕг хъуамӕ уӕм ’мӕ рӕстӕй цӕрӕм?

Ныфсджынӕй дзурӕм, Паддзахад кӕй райгуырди ныр,

Хуыцау ног арв, ног зӕхх ыскӕнын кӕй фӕнд кӕны.

Зӕгъӕм, кӕй сыл цӕрдзӕн йӕ рӕстдзинад ӕцӕг.

Ацы хорз хабар кӕй дзурӕм, уымӕй дарӕм бӕрӕг.

3. Нӕ цардвӕндаг, нӕ хъуыддӕгтӕн бӕрцбарӕн ысты

Раст уагӕвӕрдтӕ, ’мӕ нын уый фарн, амонд хӕссы.

Чырысти нын ыссӕрфта нӕ тӕригъӕд,—

Хуыцау нӕ схайджын кодта йӕ фарнӕй уӕд.

Мах уый фӕнды, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп куыд уӕм.

Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм — сӕрибар ыстӕм.

Кӕд ӕм хӕстӕг лӕууӕм, нӕ Хӕлар уый кӕд уа,

Уӕд ныл уый тыхсдзӕн, цӕмӕй нӕ алчи фидар лӕууа.