Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи у Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинаг

Чи у Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинаг

88 (200) зарӕг

Чи у Чырыстийы ӕцӕг ахуыргӕнинаг

(Иоанны 13:34, 35)

1. Уарзтӕй ныр ис базонӕн

Й’ адӕмы Чырыстийӕн.

Йесойы уарзт ’наипп уыд,

Алкӕддӕр уыд иузӕрдыг.

Се ’хсӕн чи ис, ахӕм уарзт

Исчи федта искӕм ма?

Хи цард дӕр нӕ кӕнынц ’вгъау,

Се ’фсымӕрты сӕрвӕлтау.

2. Уарзт ӕнӕзӕрдӕхудт у,

Тауы алкӕуыл йӕ рухс.

Мах цард уый рӕсугъд кӕны,

Иннӕтӕн хӕрзты цӕуы.

Йесо радта ног фӕдзӕхст:

Уарзын, хорз кӕнын ӕрмӕст.

Уарзт пайда нӕ агуры,

Цардмӕ алкӕйдӕр кӕны.

3. Уарзт уыны ’рмӕст хорздзинад,

У дзы фидар ’фсымӕрад.

Уарзт рӕдийагӕн быхсы,

Хорз миниуджытӕм кӕсы.

Дуне зондзӕнис, цӕмӕн

Махмӕ у Хуыцау фӕлмӕн,—

Фырты зӕхмӕ рарвыста.

Уарзондзинад у Хуыцау!