Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕз аразын ӕппӕт дӕр ног»

«Ӕз аразын ӕппӕт дӕр ног»

83 (187) зарӕг

«Ӕз аразын ӕппӕт дӕр ног»

(Раргомад 21:4)

1. Бӕрӕг куыд у, афтӕ Иегъовӕйӕн ныр

Йӕ паддзахы бадӕныл ’рбадт Йӕ Фырт.

Уӕларвыл ыстыр хӕст уый рамбылдта,

Хуыцауы фӕнд ’ххӕст кӕндзӕн ам дӕр тагъд.

(Базард)

2. Уынӕд ног Иерусалим алчи уадз,

Хуыцауы Уӕрыччы чындзаг — рухс, уаз.

Йӕ дарӕс зынаргъ дуртӕй фӕлыст у,

Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ уыдзӕн йӕ рухс.

(Базард)

3. Хӕсдзӕн амонд алкӕмӕн уыцы сахар.

Ӕхсӕв ӕмӕ бон гом уыдзӕн йӕ дуар.

Цӕудзысты йӕ рухсы ’ппӕт адӕмтӕ.

Тӕмӕн дзы кӕнут, Иагъы цагъартӕ.

(БАЗАРД)

Хуыцауы цатыр ам и ныр,

Цӕры йӕ адӕмимӕ уый.

Цӕссыг, мӕлӕт, рис ’мӕ фыдох дӕр,

Тагъд рох фӕуыдзысты бынтондӕр.

Куы загъта: «’Ппӕт дӕр ног ӕз аразын.

Ӕцӕг ӕмӕ раст зӕгъын».