Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕмбырд кӕнут хӕзнатӕ уӕлӕрвты

Ӕмбырд кӕнут хӕзнатӕ уӕлӕрвты

31 (67) зарӕг

Ӕмбырд кӕнут хӕзнатӕ уӕлӕрвты

(Матфейы 6:20)

1. Мах Иегъовӕйы куыд уарзӕм,

У уӕларвон рухсы Фыд!

Царды хӕрзтӕ, хорз лӕвӕрттӕ —

Уыдон иууыл уымӕй сты.

Дарӕс, хӕрд, хӕдзар уый радта,

Мӕр, мыггаг, къӕвда ’мӕ хур.

Уӕм нӕ Дарӕгӕй мах бузныг,

Уый нӕ царддӕттӕг куы у.

2. Уый ӕнӕзонд ми уыдзӕни —

’Рмӕстдӕр хи удӕн цӕрын,

Ӕмӕ, цард раттын кӕй бон нӕу,

Уыцы мулк ӕмбырд кӕнын!

Уый бӕсты, цы нӕм и, уымӕй

Райгонд уӕм ӕмӕ хъӕцӕм.

Ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕй цардыл,—

О, ӕцӕг цардыл,— хӕцӕм.

3. Мах нӕ ис, нӕ бон, нӕ рӕстӕг

Мӕгуыртӕн нӕ кӕнӕм ’вгъау,

’Ххормӕгтӕн хӕссӕм мах хорз уац:

’Рхӕсдзӕн Паддзахад ’цӕг фарн.

Мах нӕ удуӕлдай лӕггадӕй

Суӕм хӕлӕрттӕ Йесойӕн,

Ӕмӕ афтӕмӕй уӕлӕрвты

’Цӕг хӕзнатӕ ’мбырд кӕнӕм.