Ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад
78 (175) зарӕг
Ӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад
1. Иегъовӕйӕн йӕ кадыл ӕрвтӕ дзурынц,
Йӕ къухты куыст уынӕм уӕлӕрвты алкӕмдӕр.
Бон бонмӕ кады зӕл дӕтты,
Ӕхсӕв ӕхсӕвӕн та — йӕ зонд ’мӕ хъомыс дӕр.
2. Ӕнӕфау у Иегъовӕйӕн йӕ закъон,
Йӕ фӕдзӕхстытӕ зонд дӕттынц ӕвӕлтӕрдӕн.
Йӕ уагӕвӕрдтӕ цин хӕссынц,
Йӕ рухс амындты фӕрцы мах фӕндаг уынӕм.
3. Хуыцауы ’фсарм ӕнустӕм у, сыгъдӕг у.
Йӕ тӕрхӕттӕ ысты ӕнӕхӕрам, рӕстаг,
Сыгъзӕринӕй бӕллиццагдӕр,
Мыдӕй адджындӕр зӕрдӕйӕн, ӕнусты фаг.
4. Стӕм бузныг мах дӕ фӕдзӕхстытӕй алкӕд.
Стыр хорзӕх нӕ уыдзӕн, куы сӕ ӕххӕст кӕнӕм.
Нӕ алы ми ӕмӕ хъуыды
Уӕд раст, сыгъдӕг ’мӕ, о Хуыцау, фӕндон дӕуӕн.